Хуссар Ирыстоны мысыдысты 1991-æм азы зæххызмæлды амæттæгты
Хуссар Ирыстоны абон мысынц, 1991-æм азы 29 апрелы дзы цы егъау æрдзон бæллæх æрцыд, уый амæттæгты. Уыцы бон адæмы къæхты бын зæхх нызмæлыд, ныккалдта сын сæ хæдзæрттæ, фæфæлдæхта сын се `нæмаст цард. Зæххы арфы æххæстæй фæдæле чысыл хъæу Хахет. Йæ цæрджытæй æмæ сæ исбонæй ницыуал аззад. Дыууæ адæймаджы йеддæмæ дзы нæ аирвæзт, уый дæр, уыцы рæстæг хъæуы кæй нæ уыдысты, уый руаджы. Уыцы боны цаутæ ирдæй баззадысты архивон видеокадрты. Æрдзон бæллæх ма абоны хуызæн йæ цæстытыл кæмæн уайы, уыдон æй никуы ферох кæндзысты. Адæмы амондæн уыцы бон Дзауы сарæзтой Гуырдзыстоны ныхмæ митинг. Ацы бæстæйы сфæнд кодтой Хуссар Ирыстоны автономийы хурхыл бахæцын, уый та республикæйы цæрджыты сæнкъуысын кодта уынгмæ рацæуынмæ. Бирæтæ уый руаджы аирвæзтысты, сæ хæдзæрттæ сыл нæ ныккалдысты. Фæлæ амæттæгты нымæц дæсгæйттæ бацис. æмткæй райсгæйæ, зæххæнкъуысты фæстæ боны рухс нал федтой Хуссар Иры 57 цæрæджы. Фæстæдæр сын, цæмæй ма ферох уой, уыйтыххæй Синагуры байгом кодтой номарæн цыртдзæвæн. Уазал дурыл ныффыстой æрдзон бæллæхы амæттæгты нæмттæ. Абон ма сæ иу хатт æрымысыдысты. Дзауы сын сарæзтой номарæн митинг "Намысы аллейæ"-йы. Бынатмæ сæмбæлдысты Хуссар Ирыстоны разамынд, чи бацарæфтыд, уыдоны хæстæджытæ, се `мхъæуккæгтæ, чи сæ зыдта æмæ сыл иузæрдион чи уыд, уыдон се `ппæт дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны мысыдысты 1991-æм азы зæххызмæлды амæттæгты
Категория:
Новости и СМИ