Æмгуыстады гæнæнтæ
Абон Алагиры районы æмæ Хуссар Ирыстоны Дзауы районы сæргълæууджытæ бафыстой æмгуыстады бадзырд. Фембæлды снысан кодтой иумæйаг куысты пълан. Æрдзырдтой туризмы , экономикæйы æмæ культурæйы рæзтыл. Алагиры районы администрацийы сæргълæууæг Бутаты Арсен куыд загъта, афтæмæй , 10 азы размæ дæр ма ахæм бадзырдыл ныхас цыд. Фæлæ рæстæг цæуы, ивынц политикæ, экономикæ æмæ ахастдзинæдтæ. Ныр Хуссар Ирыстонæй ссыд делегаци. Йæ уæнгтæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй, æмгуыстады ног гæнæнтæ сын æхсызгон сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æмгуыстады гæнæнтæ
Категория:
Новости и СМИ