Куыстуат Алания продукт сырæзт Уналы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Куыстуат Алания продукт сырæзт Уналы. Йæ алфамбылай ма фæзындзæн цалдæр фермæйы. Куыстуаты ахсдзысты ирон цыхт. Хæххон уавæрты арæзт Уæрæсейы у фыццаг ахæм проект. Сарæзтой йæ федералон программæйы фæрцы æмæ Цæгат Ирыстоны хъæууон-хæдзарады министрады æххуысæй. Хæрз æрæджы дæр ма æхсыры цех уыд æрмæстдæр гæххæттыл нывгонд. Ныртæккæ комплекс, зæгъæн ис, æмæ у цæттæ. Сарæзтой йæ Алагиры районы, Уналы хъæуы иу мин метры æмвæзадыл. Йæ фæзуат у дыууæ сæдæ фæндзай квадратон метры. Ацы бынаты тагъд уадзын райдайдзысыт æхсыры продукци: царв æмæ æхсырысæртæ. Фæлæ сæйраг хойраг уыдзæн ирон цыхт. Фæстæдæр ассортимент фæхъæздыгдæр кæндзысты. Уый аразгæ уыдзæн цехмæ æхсыр цас цæуа, уымæй. Цæмæй продукцийы хæрзхъæддзинадмæ фау æрхæссæн ма уа, уый тыххæй балхæдтой ног кусæнгарз. Æхсыр ардæм ласдзысты сыхаг хæххон хъæуты фермерон хæдзарадтæй: Зынцъар, Æрхон, Тибы фермæтæй æмæ Уналæн йæхицæй. Куыстуаты суткæмæ кусдзысты æхсыры фондз тоннæимæ. Кооператив «Алания продукт»-ы разамонæг Цæгæраты Русланы ныхæстæм гæсгæ, цехы мæймæ цыхт ахсдзысты фынддæс тоннæйы онг. Уæлдай ахсджиаг ацы куысты, зæгъы Цæгæраты Руслан, у сыгдæгдзинад. Уый хынцгæйæ, цехы æххæст кæндзысты санитарон æппæт домæнтæ. Кооперативæн йæ сæйраг хæс у - районы фермерон хæдзарæдты рæзтæн баххуыс кæнын. Проекты руаджы фæзындзæн 30 куысты бынаты. Дарддæр сæ нымæц хъуамæ фæфылдæр уа. Куыстуатимæ æмгуыст кæнын фæнд кæнынц канд республикæйы базарадон дуканитæ нæ, фæлæ ма сыхаг регионты амалхъом адæм дæр. Ныртæккæ арæзтад кæронмæ фæвæййы. Куыстуатмæ бауагътой электрон тых æмæ дон. Рæхджы дзы газ дæр фæзындзæн. Пъолыл байтуадзысты сæрмагонд химион уæлцъар. Цех хъуамæ æркуса февралы кæрон. Хъараты Маринæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Куыстуат Алания продукт сырæзт Уналы

Категория:

Новости и СМИ