Денджызы хъайтартæ
Дельфинтæ æнæниздзинадæн пайда кæй сты, уый бирæтæ зонынц. Сæ мырты фæрцы фæхуыздæр кæнынц адæймаджы æнæниздзинады уавæр. Адæмæн хæссынц циндзинад. Нæ дарддæры æрмæджы хъайтартæ дæр сты ацы рæсугъд æмæ аив денджызон цæрджытæ. Аудынц, бынтон æнæниз чи нæу, уыцы сывæллæттыл. Гиоты Людмилæ «дельфинотерапия» кæй хонынц, уыцы хосгæнæн мадзалмæ йæ сывæллоны акодта дæсæм хатт. Куыд зæгъы, афтæмæй йын йæ пайда уайтагъд раиртæста. Сывæллон йæхиуыл фæхæцыд. Гиоты Людмилæ: «Ныридæгæн ацыдыстæм дельфинотерапийы 10 курсы. Æнæдызæрдыккаг у, мæ сывæллонæн кæй баххуыс, уый. Мæ бон нæу зæгъын æмæ алкæмæн дæр баххуыс кæны. Фæлæ махæн фæрæстмæ ис. Мæ лæппу зынгæ фæсабырдæр, йæ психикон уавæр фæнывыл. Скъоламæ цæуыны фадат нын фæцис». Дельфинтæ цы низтимæ баххуыс кæнынц, уыдоны нымæц схызт 165-мæ. Аутизм, ДЦП, Дауны синдром... Æппæт ацы хъуыддæгтыл рæстмæ ахадынц. Уæдæ психологон æгъдауæй цы пайда хæссынц, уый дæр ницæимæ ис абарæн. Адæймагæн йæ нервытæ фæсабыр вæййынц. Цас раздæр райдайы сывæллон дельфинты уынын, уыйас хуыздæр. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, зæгъгæм, 5 азæй фæстæмæ. Сывæллæттæн ахæм циндзинад балæвар кодта æхсæнадон архайæг Реуазты Сослан. Алы бон ын йæ дельфинты фенынмæ æрбацæуынц 30 сывæллоны. Разы сты куыд сабитæ, афтæ сæ ныййарджытæ дæр. Хæрзаудæн акци ахæсдзæн ноябры кæронмæ. Йæ аразджытæ ма фæнд кæнынц Хуссар Ирыстоны сывæллæтты дæр æрбахонын. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Денджызы хъайтартæ
Категория:
Новости и СМИ