Ирон аргъуаны пантеоны дидинджытæ сæвæрдтой Хетæгкаты Къостайы цыртдзæвæныл
Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды боны агъоммæ республикæйы цæуынц мысæн мадзæлттæ. Ирон аргъуаны зындгонд рухстауæджы цыртдзæвæнмæ абон бахастой дидинджытæ. Мадзалы бацархайдтой республикæйы хицауады уæнгтæ сæ сæргъы Хицауады сæрдар Дзанайты Барис, афтæмæй. Скъоладзаутæ бакастысты фыссæджы æмдзæвгæтæ. Поэты ном ссардтой Ирон театры цур дæр. Ам йæ цыртдзæвæны раз æрæмбырд сты Фысджыты цæдисы æмæ Журналистты цæдисы уæнгтæ, культурæ æмæ ахуырады уæнгтæ, скъоладзаутæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, драматург æмæ публицист Хетæгкаты Къоста райгуырд 164 азы размæ 15-æм октябры.