Иу ма сыл бафтыд
Нæ республикæйæ Мæскуымæ цы авиакомпанитæ тæхы, уыдоны нымæцыл та бафтыд. 2-æм августæй фæстæмæ Дзæуджыхъæуæй паддзахады сæйраг горæтмæ абалц кæндзысты "Нордавиа"-йы хæдтæхджытæ. Ныртæккæ йæ ном дæр уæвгæ æндæр у - хуыйны «Смартавиа». Фæбæлвырддæр кæндзыстæм, кæцæй æмæ цафон тæхдзысты хæдтæхджытæ, уый. Фыццаджыдæр уал зæгъын хъæуы уый, æмæ рейсытæ авиакомпани æххæст кæндзæн къуыри 5 хатты Мæскуыйы аэропорт «Домодедово»-йæ. Сабаты-иу уырдыгæй Дзæуджыхъæумæ ратæхдзæн 15 сахаты æмæ 5 минутыл, Дзæуджыхъæуæй та-иу фæстæмæ аздæхдзæн 18 сахаты æмæ 20 минутыл. Къуырисæр, æртыццæг, майрæмбон æмæ хуыцаубоны хæдтæхджыты куыст рæстæгмæ гæсгæ уыдзæн æндæрхуызон. Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ-иу уæлдæфон нау рапæррæст кæндзæн 17 сахаты æмæ 10 минутыл, фæстæмæ та-иу æй Ирыстонæй афæндараст кæндзысты изæры 8 сахаты æмæ 30 минутыл. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ авиакомпани Дзæуджыхъæумæ рейсытæн рауæлдай кодта хæдтæхæг «Боинг-737». Билеттæ рейсытæм балхæнæн ис куыд авиакомпанийы сайтыл, афтæ уæйгæнæг агрегатортыл дæр. Иудзырдæй, тæхут-ма æмæ нал! _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Иу ма сыл бафтыд
Категория:
Новости и СМИ