Æнхъæлмæ та кæсæм
Æхсæнад цы дыууæ æфсæддоны уголовон хъуыддаг банкъуысын кодта, уый фæдыл ныр дæр ма тæрхон нæ рахастой. Абон сын хъуамæ стæрхон кодтаиккой, фæлæ та дзы цæмæдæр гæсгæ ницы рауад. Процессы архайджыты æнхъæлмæ кæсын бахъæудзæн 31-æм августы райсомы 10 сахатмæ. Азымджынты бартæ хъахъæнджытæ ракуырдтой тæрхон ноджы дарддæр æмгъуыдмæ ахæссын, уымæн æмæ Æлбегаты бинонтыл æрцыд зиан. Йе `фснайæн бон раст 31-æм августмæ цæуы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, раздæр уал дыууæ быцæугæнæг фарсы сæ рæстдзинад кæй бæлвырд кодтой тæрхонгæнæджы цур. Азымы дарджытæ къæрттæй цъула не `ппарынц — Сланты Арсенæн домынц 2 азы дзырдæй тæрхон, Æлбегаты Зелимæн та — 3,5 азы. Уымæй уæлдай-ма сæ дыууæтæн дæр сæ æфсæддон цинтæ сисын, æфсады кусыны бар сын байсын. Уæдæ лæппуты бартæ хъахъхъæнджытæ та домынц æфсæддонты суæгъд кæнын. Уый та уый тыххæй, æмæ сын сæ аххос, куыд нымайынц, афтæмæй нæ рабæрæг кодтой. Æппæт ацы слестгæнæн æмæ тæрхоны мадзæлттæ та, дам, иууылдæр арæзт сты иннæ ахæм æфсæддонтæн дæнцæг. Лæппутæ дæр сæхи аххосджынтыл нæ нымайынц. Фæнды сæ, цæмæй сын сæ хъуыддагмæ куыд æмбæлы, афтæ æркæсой. Æлбегаты Зелимы ныхæстæм гæсгæ, слестгæнджыты, хъуыддаг æцæгæйдæр цæй мидæг ис, уый раиртасын æппындæр нæ фæндыд. Лæппуты курдиæттæ та сæм уæвгæ дæр хъуысты нæ уыдысты. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты æфсæддонты адвокаттæ дæр. Катрич æмæ Патык æвдисæнтæ цæмæн уыдысты, уыцы радзуринæгтæ æппынæдзух алыхуызон фæлхат кæнынц. Зайнутдинов та йæхæдæг загъта, барвæндонæй кæй нæ фæаххосджын кодта лæппуты, фæлæ батальоны командæгæнæджы уынаффæйæ. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ дæр фыццагау тынг лæмбынæг кæсынц тæрхоны цыдмæ. Адæм тыхсынц, не `мбарынц слестгæнджыты æмæ тæрхоны ахæм æбæрнон ахаст æфсæддонтæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнхъæлмæ та кæсæм
Категория:
Новости и СМИ