Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд
Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд. Уый тыххæй хъусын кæнынц Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй. Сæхгдæтой йæ æвзæр боныхъæды тыххæй. Гуырдзыстоны ’рдыгæй тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Ныртæккæ уадзæн пункт Уæллаг Ларсы æнхъæлмæ кæсынц 335 уæзласæн хæдтулгæйы. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сидынц цæрджытæм, цæмæй сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та хабар кæной ирвæзынгæнджытæм «101», кæнæ «01» сæрмагонд номыртæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд
Категория:
Новости и СМИ