Псковы облæстмæ уæлдæфон десантон æфсæдтæм Дзæуджыхъæуæй афæндараст кодтой 15 лæппуйы
Дзæуджыхъæуæй абон Псковы облæстмæ Уæрæсейы хуыздæр æфсæдтæм афæндараст кодтой 15 хуыздæр лæппуйы. Арвитыны размæ лæппуты цæттæ кодтой ДОСААФ-ы. Парашютæй гæпп кæнын, æфсæддон æмæ тактикон хæслæвæрдтæ æххæст кæнын уыдзæн ног Десантон æфсæддонты хæс. Сæ балцы размæ лæппутæ ссардтой Уæлдæфон-десантон æфсæддонты æхсæнады бындурæвæрæг Василий Маргеловы рухс ном. Йæ цыртдзæвæны раз ын сæвæрдтой дидинджытæ Кады Аллейы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Псковы облæстмæ уæлдæфон десантон æфсæдтæм Дзæуджыхъæуæй афæндараст кодтой 15 лæппуйы
Категория:
Новости и СМИ