Хицауады ææнæрадон æмбырд
Культурон ахадындзинад цы æвдисæйнæгтæ æмæ цыртдзæвæнтæн ис, уыдон цалцæг кæнынæн ацы аз радих кæндзысты 60 милуан сомæй фылдæр. Федералон центр фæрæзтæ ратдзæн Цæгат Ирыстоны 5 хъæппæрисæн. Уый тыххæй æрдзырдтой нæ республикæйы хицауады ацы азы фыццаг æнæрадон æмбырды. Амыдта йæ хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Æрныхас ма кодтой æндæр фарстатыл дæр. Зæгъæм, 1-æм февралмæ хъуамæ фыст æрцæуой бадзырдтæ нæ республикæйы æмæ Уæрæсейы министрадты 'хсæн. Æрмæст уыдонмæ гæсгæ аразын æмæ цалцæг кæнын райдайдзысты, Цæгат Ирыстоны федералон программæмæ хаст цы бæстыхæйттæ æрцыдысты, уыдон. Премьер-министры ныхæстæм гæсгæ, ацы хабаримæ фæстиат кæнæн нæй. Æрдзырдтой ма "Доступная среда" цы программæ хуыйны, ууыл дæр. Хардзгонд ыл æрцæудзæн 30 милуан сомы. Хистæр кары адæмы та дарддæр ахуыр кæндзысты компьютертыл кусыныл. Ацы хъуыддагæн та радих кæндзысты 6 милуан сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хицауады ææнæрадон æмбырд
Категория:
Новости и СМИ