Æнæ аиппытæй
Фæззæджы æмæ зымæджы хъармгæнæн рæстæг цæрæнуæтты коммуналон кусджытæн цæуы æнæ къуылымпытæй. Уый тыххæй республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты-коммуналон, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майран. Ног азы бæрæгбæтты рæстæг коммуналон службæты кусджытæн уыд уæлдай бирæ хæстæ. Къахвæндæгтæ, хидтæ æмæ фæндæгтыл пырх кодтой змис æмæ цæхх. Зымæг куы фæуа, уæд та коммуналон службæтæн райдайдзæн фидæны уазæлттæм цæттæгæнæн рæстæг. Ныр уал министрæн Битарты Вячеслав бахæс кодта, цæмæй радон хъармгæнæн сезон Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты æнæ аиппытæй æмæ æдыхст цыдыл бакусын. Фембæлды ма ныхас кодтой адæмы царды æндæ р фарстатыл дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæ аиппытæй
Категория:
Новости и СМИ