Черчесты Станиславы схорзæх кодтой «Адæмы хорзæх»-ы орденæй

Иры Стыр Ныхасы уæнгтæ Футболæй Уæрæсейы сгуыхт тренер Черчесты Станиславы схорзæх кодтой «Адæмы хорзæх»-ы орденæй. Тренеры разамындæй бæстæйы иугонд командæ фæуæлахиз алыхуызон æмвæзадыл турнирты. Хæрзиуæг нысан кæны, спорты райрæзтмæ цы егъау æвæрæн бахаста, уымæн кад. Орден лæвæрд æрцæуы, Ирыстонæн стыр лæггад чи бакæны, уыдонæн. Кандидатты æвзарынц Стыр Ныхасы уæнгтæ æмæ мыггæгты советы минæвæрттæ. Мадзалы ма архайдтой культурæйы министрады уæнгтæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, Черчесты Станиславы æмкусджытæ æмæ хæлæрттæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 465 подписчиков
12+
55 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии