Ивгъуыд - абоны цæстæй
14 майданы рамбылдтой цæгатирыстойнаг спортсментæ хъаматыл хæстæй. Клуб «Аскалон»-ы минæвæрттæ æнтыстджынæй сæхи равдыстой Уæрæсейы ерысты Мæскуыйы. Сыгъзæрин майдан къордæн рамбылдта федерацийы разамонæг Хъуыссæты Михаил. Уæвгæ, ерысты архайдтой 500 спортсмены. Нæ республикæйы иугонд командæйы нымæц та у 11 адæймаджы. Ныртæккæ командæ йæхи цæттæ дунеон чемпионатмæ Минскы. Хъама æмæ уарт канд ивгъуыды хæстонты хæцæнгарз не сты. Хъаматыл хæсты клубы уæнгтæ семæ архайынмæ хорз арæхсынц. Гизойты Ацæмæз ардæм æрбацыд 11аздзыдæй. 7 азы рацыд, фæлæ клубыл йæ зæрдæ нал сивта. Цалдæр боны размæ нæ командæ фæстæмæ сыздæхт Уæрæсейы чемпионатæй. Цыдис Мæскуыйы. Нæ фæсивæд уыдысты 11-æй, сæ майдантæ та баисты 14. Æфсæн фæлысты бæсты дардтой хи хъахъхъæнæн дзауматæ. Сты рогдæр, уæнгты змæлд дæр уæдæ нæ хъыгдарынц. Хъама дæр уæдæ тынг уæззау нæу. Ныхмæлæууæджы фæхъæдгом кæнын фембæлды сæйраг нысан нæу. Архайын хъæуы рæстдзæвин уæвыныл. Уымæн дæттынц æрмæстдæр минут æмæ `рдæг. Ацы кадртæ та æндæр турнирæй сты. Йæ архайджытæ – æмбæлгæ фæлысты æмæ æцæг хæцæнгарзимæ. Ахæм ерыстæ арæх саразынц Уæрæсейы алы горæтты. Вæййынц тынг ирд æмæ аив. Фæлæ дзы нæ лæппутæн архайыны фадæттæ уыйас нæма ис. Хаттæй-хатт сын, сæ уæлæ сæрмагонд фæлыстæн цы скæной, уый дæр нæ вæййы. Хъаматыл хæсты клубы тренер Хъуыссæты Михаил: «Цыдæриддæр нæм фæлыст ис, нæхи `лхæнын кæй бахъæуы, суанг уый нымайгæйæ дæр, уыдон цыппар комплекты йеддæмæ не сты. Уыдоны руаджы ма нын æнтысы цавæрдæр ерысты архайын. Фæлæ, зæгъæм, уыцы-иу рæстæг дæ хъомылгæнинæгты астæй рацæуын кæм фæхъæуы, ахæм турнирты арвмæ асинтæ амайын райдайæм. Бахъæуы йæ курын æндæр искæмæйты. Фæлæ цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр хизæм – мæ хъомылгæнинæгтæй иу дæр æнæ хæрзиуæгæй нæ баззайы. Сæ арæхстдзинад бæрæг дары, иудзырдæй. Уырны мæ, Уæрæсейы командæты `хсæн фидæны хуыздæрты номхыгъды кæй уыдзыстæм». Зындзинæдтæ – фагæй фылдæр, фæлæ сæ бæллицыл фæсивæд сæ къух нæ исынц. Ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц Дунеон чемпионатмæ. Цæудзæн Минскы а-уалдзæджы. Архайдзысты дзы æгас Зæххы къорийы тыхджындæртæ. Фæлæ Ирыстойнаг фæсивæды уырны, састы бынаты та сæ кæй фæуаддзысты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ивгъуыд - абоны цæстæй
Категория:
Новости и СМИ