Форум «Уæрæсейы экономикон къуыри»-йы Сергей Меняйло фембæлд Ирек Файзуллинимæ

Мæскуыйы дарддæр цæуы Уæрæсейы энергетикон къуыри. Йæ темæ – «Дунеон энергетикæйы ногдзинæдтæ: фидæн аразгæйæ». Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло архайы форумы. Йæ архайджытимæ ныхас кæны Цæгат Ирыстоны райрæзты фарстатыл. Абон фембæлд бæстæйы арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллинимæ. Æрдзырдтой, федералон программæты æххуысæй цы объекттæ аразынц, уыдоныл. Се 'хсæн — скъолаты бындурон цалцæг, рынчындæтты, фелсырон-акушерон пунктты, амбулаториты, культурæйы хæдзæртты æмæ спорткомплексты арæзтад æмæ рацарæзт. Дзырдæн, Росстаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2023-æм азы фыццаг 6 мæймæ Цæгат Ирыстоны эксплуатацийы радтой цæрæнуæтты 365 мин квадратон метры. Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы фæнысан кодта, фембæлд пайдаджын кæй рауад.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
42 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии