Цыколайы 1-æм скъолайы сывæллæттæ ахуыр кæнынц шахмæттæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

13 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

13 просмотров

7 лет назад

Адæймаг сабибонтæй нырмæ исты хъуыддагыл хæст куы уа, уæд уый хорз у. Ахæм хъуыдыйыл хæст сты Цыколайы 1-æм скъолайы дæр. Уым скъоладзауты ахуыр кæнынц шахмæттæй хъазыныл. Ахæм фадат сын фæзынд национ проект «Ахуырад»-ы фæрцы. Къорды архайынц райдиан кълæсты ахуырдзаутæ. Сывæллæттæ зæрдæргъæвдæй сæхи фæлварынц ацы спорты хуызы. Ныридæгæн сæ амонынц 100 ахуыргæнæндонæй фылдæры. Цавæр æнтыстдзинæдтæм æнхъæлмæ кæсынц, уый базыдта не сфæлдыстадон къорд. Ацы къорды сывæллæттæ ахуыр кæнынц шахматтæй хъазыныл, архайынц хъазты лыстæг сусæгдзинæдтæ базоныныл. Цымыдисæй хъусынц сæ ахуыргæнæгмæ. Йæ алы дзырд дæр зæрдыл бадарынц, цæмæй дзы спайда кæной фæстæдæр. Се 'хсæн Дадтеты Сæрмæт дæр. Ахуыр кæны 4-æм къласы. Сæрмæты рагæй фæндыд шахматтæй хъазын базонын. Ныр ын ахæм фадат фæзынд. Кæд цыбыр рæстæг ахуыр кæны ам, уæддæр бирæ хъуыддæгтæ базонын йæ къухы бафтыд. Къорды сты 2-æм, 3-æм æмæ 4-æм кълæсты аъуырдзаутæ. Семæ кусы фæлтæрдджын ахуыргæнæг Гъуцъунаты Юрий. 26 азы дæргъы архайы сывæллæтты шахматтæм æмхиц кæныныл. Куыд зæгъы, афтæмæй шахматтæм ахæм æргом кæй аздæхтой скъолаты, уый йын тынг æхсызгон у. Сабитæн ацы спорты хуыз, æнæмæнг, хæссы стыр пайда. Сывæллон цас раздæр райдайа шахматтæй хъазынмæ арæхсын, уыййас хуыздæр уыдзæн, зæгъы Юрий. Нæ базонынæй æмæ нæ сарæхсынæй мачи тæрсæд. Сабитæн ахæм уавæртæ фæзындысты федералон программæ «Современная школа»-йы нацпроект «Ахуырад»-ы фæлгæты. Нæ республикæйы 110 ахуырадон уагдоны фæзынд шахматты уазæгуат. Уый руаджы ацы спорты хуыз парахатдæр кæны, стæй йæм сывæллæттæ дæр рæвдз фæцахуыр вæййынц.. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цыколайы 1-æм скъолайы сывæллæттæ ахуыр кæнынц шахмæттæй

Категория:

Новости и СМИ