Курорты æргътæ фæзынаргъдæр сты

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Фæлладуадзæн рæстæг кæронмæ фæхæццæ кæны. Йæ фæстæ ралæууы сæрды тæккæ фæлмæндæр æмæ хъармдæр афон. Фæлæ, специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы рæстæг балц кæнынмæ чи хъава, уыдонæн баулæфын бынтон фæлмæн аргъæй нæ рауайдзæн.  Зындгонд курортты цы хи хæдзæрттæ æмæ фысымуæттæ ис, уыдоны хаццон фæзынаргъдæр кодтой. Федералон порталы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, «Мир квартир», зæгъгæ, ацы аз æмткæй райсгæйæ курортты æргътæ 7% фæзынаргъдæр сты. Уый та уый тыххæй, æмæ сæрды хъармдæр рæстæджы адæмæн сæ фылдæр гуылф кæнынц денджызы былмæ. Лæггадгæнджытæн уый пайдадæр вæййы æмæ уæд æргътæ уæлæмæ стæрынц. Уæрæсеййаг экспретты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм уавæр фылдæр сæвзæрдзæн Анапæйы. Уым иу бонмæ уæвыны тыххæй фысымуаты бафидын хъæуы 2 мины 583 сомы. Проценттæй та - 17-æй фылдæр. Иннæ курортон горæтты аргътæ сты фарон азы хуызæн - 2 минмæ ввахс. Зæгъæм, Туапсейы иу азмæ æргътæ схызтысты 2 æнæхъæны æмæ 4 дæсæм хайы проценты. Новосибирскы та - 1 æнæнхъæны æмæ 6 дæсæм хайы проценты. Зынгæ фæзынаргъ сты Хъырымы баулæфынæн лæггæдтæ дæр. Æппæты тынгдæр - Ялтæйы. Уым иу суткæмæ уæвынæн хъæуы 4 минæй фылдæр бафидын - 7 æнæнхъæны æмæ 2 дæсæм хайы проценты. Уæрæсейы туропреаторты ассоциацийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, адæм фылдæр се `ргом здахынц - Краснодары крайы курорттæм. Стæй та Къырымы. Цæгат Ирыстоны дæр кæм баулæфай, ахæм бынæттæ бирæ ис. Ацы рæстæг, уырдæм республикæйы цæрджытæ æмæ уазджытæ фæтындзынц тæвд бонты хъармæй бафсæдынмæ. Фылдæр се `ргом здахынц Дыгургом, Уæлладжыр æмæ Куыртатты кæмттæм. Зæгъæм, æппæты уарзондæр бынæттæй иу у - Фыййагдон. Нырыккон улæфты фадæттæ дзы рæзынц. Бынæттон цæрджытæ дæр сæ гæнæнтæй пайда кæнынмæ арæхсынц. Бирæтæ дзы сæ фатертæ дæттынц хаццоны. Æргътæ уын бæлвырддæрæй æвдисæм. Æппæты асламдæр æхсæвиуаты аргъ у 5 мин сомы. Чысыл хуыздæр фадæттæ кæй хъæуы, уыдонæн сæ дзыпп иу суткæмæ хъуамæ раафтид кæной 7 мин сомæй. Уæдæ иттæг хорз уавæртыл йæ зæрдæ чи нæ ивы, уыдон та цæттæ уæнт 10 мины æмæ ноджы фылдæр сомы бахардз кæнынмæ. Фæлладуадзæн бынæтты æргътæ фæзынаргъдæр сты: Анапæ - 17,3% Туапсе - 2,4% Новосибирск - 1,6% Ялтæ - 7,2% _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Курорты æргътæ фæзынаргъдæр сты

Категория:

Новости и СМИ