Æгъуызарты Мураты разамындæй уыд хицауады радон аппаратон æмбырд

Сæрдыгон-дзæбæхгæнæн кампани цæуы æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ. Хъæлдзæгæй æмæ пайдаимæ сæ каникултæ æрвитынц 6 мин сывæллонæй фылдæр. Уыдонæй 5 мины сты боныгон уæвыны лагерьты. Сау денджызы был улæфынц 340 адæймаджы. Уый тыххæй дзырдтой хицауады радон аппаратон æмбырды. Амыдта йæ вице-премьер Æгъуызарты Мурат. Ныхас ма цыд эпидемиологон уавæры тыххæй дæр. Специалистты ныхæстæм гæсгæ у сабыр. Къуыримæ рабæрæг кодтой коронавирусы 3 ног цауы. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, стационарты æхснырсæгæй сæхи дзæбæх кæнынц 49 адæймаджы. Уыдонæй 29 сты сывæллæттæ. Диспансеризаци ацыдысты 134 мин адæймаджы. Аппаратон æмбырды мы ныхас кодтой ахуырадыл дæр. Сентябры Беслæны скусдзæн ног скъола 550 бынатæн. Ныртæккæ дзы ахуырмæ исынц скъоладзауты æмæ æмбырд кæнынц ахуыргæнджыты къорд.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
21 просмотр
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии