Æппæтадæмон фольклорон фестиваль «Арфæ» ацæудзæн Цæгат Ирыстоны
Æппæтадæмон фольклорон фестиваль «Арфæ» ацæудзæн Цæгат Ирыстоны. Егъау мадзал арæзынц «Нартиадæ»-йы афæдзы кæронбæттæн. Иу сценæйы сæ дæсныйад равдисдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды регионтӕ, Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазийы куыд хæдахуыр, афтæ профессионалон къодтæ дæр. Программæйы ис 3 номинацийы: «Инструменталон сфæлдыстад», «Музыкалон фольклор» æмæ «Хореографи». 11-æм декабры районты сараздзысты иумæйаг концерттæ. Уыцы бон ма республикæйы Культурæйы Министрады минæвæрттæ æмæ Цæгат Ирыстоны социалон æмæ гуманитарон иртæстыты институты кусджытæ тымбыл стъолы уæлхъусы æрыныхас кæндзысты ахсджиаг темæйыл – «Фольклор ныры дуджы: рагзамантæй незамантæм». 12-æм декабры та Металлургты галуаны ацæудзæн гала-концерт. Уый фæлгæты схорзæхджын кæндзысты мадзалы архайджыты æмæ лауреатты. Мадзал бабæрæг кæнæн ис лæвар. Республикæйы Культурæйы Министрад ацы хъуыддагыл бацархайдта Сергей Меняйлойы амынддзинадмæ гæсгæ. Сæйраг нысан у, фыдæлтæй нын цы хæзнатæ баззад, уыдон хахъхъæнын, бæстæйы адæмы хæттыты 'хсæн культурон ахастдзинæдтæ фидардæр кæнын, курдиатджын фæсивæды иртасын æмæ сын æххуыс кæнын.