Хуссар Ирыстоны иуварс кæнынц æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ
Зымæг йæ хивæнд митæ æвдисы Хуссар Ирыстоны. Ныр дзы цалдæр боны нæй рухс. Бирæ хæдзæртты та – суанг дон дæр. Уавæр кæд фæрогдæр уыдзæн, уый нырма зын зæгъæн у. Куыст ыл цæуы, æхсæв-бон нæ хынцгæйæ. Адæмы хъизæмар сси хабæртты сæйрагдæр темæ. Уымæн æвдисæн, Хуссар Ирыстонæй цы `рмæг райстам, уый дæр. Æртæ боны æнæ рухсæй. Хуссар Ирыстоны энергетиктæн сæ къухы бафтыди аварийы бынат ссарын. Специалисттæ кусынц æнæрлæугæйæ. Дзомагъы сты 70 сахаты бæрц. Куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй электрон телтæ миты уæзæй уым æрыскъуыдысты. Уыцы бынат сæ бон ссарын нæ уыди æвзæр боныхъæды аххосæй. Республикæйы цы уавæр сæвзæрди, уый сраст кæныны тыххæй дзы сарæзтой сæрмагонд къамис. Куыстытæ куыд цæуынц, уымæ йæ цæст дары хицауады сæрдары Пухаты Эрик йæхæдæг. Энергетиктæ сæрмагонд техникæйæ ком басгæрстой барадхъахъхъæнджытимæ. Ацыдысты 7 километры бæрц. Миты бæрзæнд дзы хæццæ кæны иу метрмæ. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсе иугæнæг фæндаг – Транскам, гæнæн ис, æмæ хæстæгдæр рæстæг байгом уыдзæн. Цæгат Ирыстоны ‘рдыгæй фæндаг асыгъдæг кæныныл куыстытæ райдыдтой. Хæхты рæмудзынц, зæйтæ æрцæуынæй тæссаг кæм у, уыцы бынæттæ. Цхинвалы цæрджытæ къуылымпыдзинæдтæ æвзарынц нуазыны донимæ дæр. Дзомагъы донмарæн счъизи, æмæ йæ хъæуы ссыгъдæг кæнын. Æнæхъæлæджы уавæры тыххæй координацион къамисы уæнгтæ мадзæлттæ агурынц, ахсджиаг нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объектты куыст ма бауыромынæн. Нырма уал кусынц дизель генератортыл. Рæвдауæндæттæ æмæ скъолатæ рæстæгмæ нæ кусынц. Уыимæ йæ арт судзы дзулфыцæн паддзахадон комбинатæн. Йæ разамонæг Цхуырбаты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй адæмы дзулæй бафсадынмæ цæттæ сты цыфæнды уавæрты дæр. Æппæтæй фылдæр дуканиты æлхæнынц парафинæй конд цырæгътæ. Бирæ рæтты уæййаг дæр нал сты. Хуссар Ирыстоны æппæт куыстуæттæ æмæ министрадтæ дæр кусынц карздæр уавæрты. Хæдзæрттæм рухс раттыныл куыст цæуы дысвæлдæхтæй. Æмæ гæнæн ис, республикæйы электрон тых фæзындзæн хæстæгдæр рæстæг. Гуыбаты Людæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны иуварс кæнынц æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ
Категория:
Новости и СМИ