Мадау адджын
Ирон æвзаджы боны агъоммæ арæзт æрцыд ирон æвзагыл чи фыссы, уыцы авторты хсæн сфæлдыстадон æркаст. Хæслæвæрдмæ гæсгæ хъуамæ сывæллæттæн æрхъуыды кодтаиккой аргъау. Æркасты бацархайыны бар уыд 16-æй 35 азы онг кæуыл цæуы æмæ йæ курдиат бавзарын кæй фæнды, уыдонæн. Аргъæутты тематикæ æрыгон фысджытæ сæхæдæг æвзæрстой. Сæйраг домæн уыд, уацмысы мадæлон æвзаджы литературон нормæтæй пайда кæнын. Жюри æркаст 24 куыстмæ. Уыдонæй 10 банымадтой хуыздæртыл. Сæ авторты сын схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Æппæт уацмыстыл ма дарддæр кусдзысты нæ республикæйы филологтæ æмæ литератортæ. Фæззæджы та сæ рауаддзысты аргъæутты æмбырдгонды. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Мадау адджын
Категория:
Новости и СМИ