Дзæуджыхъæуы цæрджыты дисы бафтыдта 10 хæдтулгæйæ колоннæ
Сæ сæйраг нысан – фæндаггон фæтк чи халы уыдоны сбæрæг кæнын. Адæмимæ ныхас кæнынц, æдасдзинады домæнхæлдтытæ фыдбылызмæ кæй расайынц, уый тыххæй. Дзæуджыхъæуы Кировы номыл уынджы цæрджыты дисы бафтыдта 10 хæдтулгæйæ колоннæ. Уыдон фæндагыл æвзæрын кодтой тæссаг уавæр, сæ музыкæ хъæрæй скодтой æмæ, национ тырыса сæ къухты, афтæмæй тынг æнаккаг дард кодтой. Барадхъахъхъæнджытæ колоннæ баурæдтой. Инспектортæ шофыртæн бамбарын кодтой, фæндагыл хи куыд дарын хъæуы, уый. Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ сидынц, цæмæй шофыртæ къæрцхъусдæр уой æмæ æдасдзинады домæнтæ æххæст кæной. Тæссаг уавæр фæндаджы чи æвзæрын кæны, уыцы знаггадгæнджыты миты тыххæй та æвæстиатæй хъусын кæнæнт 02 номырмæ. РЦИ-Аланийы паддзахадон инспецийы кусджытæ сидынц шофыртæм цæмæй фæндаггон фæтк ма халой æмæ закъоны домæнтæ æххæст кæной. Алфамблай цы адæм ис уыдонмæ къæрцхъусдæр кæсой, æхсæнадон уагæвæрдыл хуыздæрырдæм ахадой æмæ республикæйы цæрджытæм æмбаргæ дæр уой. Сæ хæдтулгæты хъæрæй цæмæй музыкæ ма зæлланг кæна æмæ адæмы æхсæвыгон фынæй кæнын уадзой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы цæрджыты дисы бафтыдта 10 хæдтулгæйæ колоннæ
Категория:
Новости и СМИ