Æнустæм не'хсæн
Хъæдгæроны байгом кодтой сæ номдзыд æмзæххон Бокоты Ахмæты цыртдзæвæн. У фыццаг дунеон хæсты хъæбатыр. Хæсты быдыры цы æхсар æмæ лæгдзинад равдыста, уый тыххæй сси Георгийы кърестыты æххæст кавалер. Кадджын мадзал арæзт æрцыд Хъæдгæроны хъæбатырты æмæ инæларты фæзы. Ахмæты ном ссарынмæ æрбацыдысты Бокоты мыккаг, хиуæттæ, скъоладзаутæ, æмхъæуккæгтæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Радзырдтой Ахмæты царды тыххæй, цыртдзæвæныл æрæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Цыртдзæвæн байгом кæныны хъуыды разынд Бокоты Алыксандрмæ. Ахмæты хъæбатырдзинады тыххæй информаци æмæ йæ къамтæ ссардта Мæскуыйы архивты. Уыдонмæ гæсгæ бюст сарæзта скульптор Деметы Ибрагим. Фæрæзтæ та æрæмбырд кодтой æнæхъæн мыккагæй. Хъæппæрисы фарс рахæцыд хъæуы администраци дæр. Бокоты мыккаджы хистæрты ныхæстæм гæсгæ, мадзалæн ис стыр хъомыладон нысан. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнустæм не'хсæн
Категория:
Новости и СМИ