Сергей Меняйло кусæг фембæлды рæстæг æрныхас кодта «Ростелеком»-ы бæстæйы хуссарварсы вице-президент
Республикæйы нымæцон æмахаст æмæ дарддæры æмгуыстады фæдыл Сергей Меняйло кусæг фембæлды рæстæг æрныхас кодта "Ростелеком"-ы бæстæйы хуссарварсы вице-президент Сергей Мордасов æмæ компанийы нымæцон регионты вице-президент Михаил Петровимæ. Регионæн размæвæрд къабæзтæй иу у туризмы райрæзт. "Ростелеком" ныридæгæн "Мамысоны" комплексы сарæзта бастдзинады сигналы линитæ. Йæ фæзтыл апарахат кодта хызты инфраструктурæ. Уымæй уæлдай ма национ нымæцон провайдер архайы, цыфӕнды афоны дӕр чи кусдзæн, уыцы хиирхæфсæн парк "Алания-парк"-ы куыст нырыккон домæнтæм гæсгæ компанийы лæггæдтимӕ рацаразын. Цæгат Ирыстон афæдзæй-афæдзмæ цымыдис кæны фылдæр туристты. Уымæ гæсгæ хæрзхъæд бастдзинад хъуамæ регионы алы комы дæр уа. "Ростелеком" ацы хъуыддагыл бæстонæй архайы æмæ ууыл æрлæууын нæ хъæуы - загъта Сергей Меняйло. Фæстаг æртæ азмæ компани регионмæ инвестицитæ бахаста 760 милуан сомæн. Уыдон схардз кодтой хызты арæзтад æмæ модернизацийыл.