Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой закъонхалджыты къорд
Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой закъонхалджыты къорд. Азымджын сæ кæнынц цæстфæлдахæн митæй. Уыдон сайдтой базарадон центрты дуканигæсты. Цæстфæлдахджытæ-иу товар балхæдтой, сæ фæндон æцæг кæй у, уыи-иу æхцайы купюрæтæй равдыстой. Уый фæстæ, дуканигæсмæ исты фæрстытæ дæтгæйæ, товар дæр æмæ æхца дæр сæхи фæкодтой. Суанг ма-иу уæлæнгай æхцайæ дæр нæ æлгъ кодтой. Сайд сыл кæй æрцыд уый-иу фæллад дуканигæстæ бамбæрстой, цæстфæлдахджытæ-иу куы æрбасатар сты уæд. Фыдгæнджыты миниуджытæ æмæ транспорт раиртасгæйæ сæ фæд-фæд ацыдысты. Пъæлицæйæгтæ цырд фæлæууыдысты, сарæзтой сæрмагонд басгæрст. Цыбыр рæстæгмæ сгарæн-агурæн мадзæлтты фæрцы, азымджын кæй кодтой, уыцы къорды сау «Гранта» ссардтой Цоколайы фырты номыл уынджы. Хæдтулгæйы чи бадт, уыдоны фæхæццæ кодтой пъæлицæйы хайадмæ. Уым знаггадгæнджытæ сæ аххосыл басастысты. Ныр Уæрæсейы Федерацийы уголовон кодексы 159-æм уацы 2-æм хаймæ гæсгæ, фæлывд ми ракæныны тыххæй, цæстфæлдахджытыл байгом кодтой уголовон хъуыддаг. Æнхъæлмæ сæм кæсы ахæстоны 5 азы фæбадыны тæрхон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы пъæлицæйæгтæ æрцахстой закъонхалджыты къорд
Категория:
Новости и СМИ