Филармонийы музыкалон скъолайы хъомылгæнинæгты концерт
Цæгат Ирыстоны музыкалон скъолайы хъомылгæнинæгтæ абон филармонийы радтой концерт. Арæзт уыд дыууадæсæймаг хатт. Кæд иу æй раздæр музыкалон колледжы æвдыстой, уæд сын ацы аз сæ дуæрттæ байгом кодта Мариинаг театры филлиал. Йæ саразынмæ сæм филармонийы кусджытæ дæр фæкастысты. Фыццаджыдæр сæ фæнды ахуырдзауты инструменталон оркестримæ кусыны сусæгдзинæдтимæ базонгæ кæнын. Зæгъын хъæуы уый æмæ оркестрæн разамынд лæвæрдта сингапуры дирижер Чия Амос. Йæ ном нæ республикæйы цæрджытæн æнæзонгæ нæу. Филармонийы азæлыдысты куыд уырыссаг, афтæ фæсарæйнаг композиторты уацмыстæ. Чи скрипкæ æмæ фортепианойыл цагъта, чи та заргæ кодта. Конкурсы архайдтой алыхуызон кары сывæллæттæ. Алкæмæн дæр бар уыд иу номыр равдисынæн. Бирæтæ дзы архайдтой алыхуызон Уæрæсейаг конкурсты, æппæтадæмон фестивальты. Фæлæ сын уæддæр ахæм концерттæ пайда сты. Сæ курдиат дзы уæлдай тынгдæр раргом вæййы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Филармонийы музыкалон скъолайы хъомылгæнинæгты концерт
Категория:
Новости и СМИ