Дæлдондзæуæг нау «Владикавказ» архайдта æфсæддон ахуырты
Дæлдондзæуæг нау «Владикавказ» архайдта сæрмагонд ахуырты. Баренцы денджызы Цæгатаг флоты ирвæзынгæнджытæ æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, фыдбылызы цы дæлдондзæуæг нау бахауд, уымæн æххуыс кодтой. Ахуырты архайдтой Колаг æрдæгсакъадахы алывæрсыг тыхты наутæ. Уымæй уæлдай ма – денджызон авиацийы хæдтæхджытæ. Æрæмысгæ цаумæ гæсгæ, дæлдондзæуæг нау йæхи скъуырдта æбæрæг объектыл æмæ уый денджызы быныл ныссагъд. Расидтысты ирвæзынгæнæн операци. Уыйфæстæ нау агурын райдыдтой хæдтæхджытæ. Фыдбылызы, зæгъгæ, цы субмаринæ бахауд, уый ссардта æндæр æфсæддон уæлденджызон нау «Георгий Титов». Уымæй æруагътой аппарат АС-34, йæ хуылфы адæймаг, афтæмæй. Аппараты экипаж доны арфмæ ныххызт æмæ сбæрæг кодта, дæлдондзæуæг нау кæм ныссагъд, уыцы ран. Адæмæн сарæзтой эвакуаци. Ахуырты фæстæ йæ архайджытæ иууылдæр фæстæмæ раздæхтысты сæ наулæууæнмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дæлдондзæуæг нау «Владикавказ» архайдта æфсæддон ахуырты
Категория:
Новости и СМИ