Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны рагагъоммæйы къæпхæн райдыдта Уæрæсейы
Иумæйаг паддзахадон фæлварæн дæттыны рагагъоммæйы къæпхæн райдыдта Уæрæсейы. Цæгат Ирыстоны дзы архайы 49 адæймаджы. Сæ фылдæр сты ивгъуыд азы рауагъдонтæ. Фæлварæн дæттыны пункт байгом кодтой Дзæуджыхъæуы 47-æм скъолайы.Æппæт кълæстæ дæр ифтонггонд сты видеоцæстдарды системæйæ. Цæстдарджыты къамисы уæнгтæ ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Регион архайдта æппæтуæрæсеон цæттæгæнæн мадзæлтты. Æппæт фæткхæлдтытæ нысангонд цæудзысты сæвзæргæ уавæрты информацион центры. Рагагъоммæйы рæстæг ахæсдзæн 19-æм апрельмæ.