Фарнхæссæг газет

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Газет «Рæстдзинад»-ыл ацы аз æххæст кæны 95 азы. Уый фæдыл абон ирон театры арæзт æрцыд кадджын изæр. Редакцийы хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй. Уымæй уæлдай сын загътой бузныг, сæ куыст зæрдиагæй кæй кæнынц, æмæ ирон традицитæ æмæ æгъдау адæмы хсæн кæй парахат кæнынц уый тыххæй. Бæрæгбоны уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Нхасы бар Гогаты Маратæн. 5 азы ма - æмæ æнусон юбилей. Афтæ цингæнгæйæ дзурынц газеты кусджытæ. Абон сын сын бæрæгбон у. Кæд иу кусджыты фæлтæр иннæйы ивы, уæддæр газеты сæйраг хъуыды иумæ размæ хæссынц. Ныры дуджы дæр афтæ. Сæ куыстмæ куыд фæндыйы цæстæй нæ ксынц. Уый тыххæй сын Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав загъта бузныг. Ныртæккæ Рæстдзинады редакцийы кусы 40 адæймагæй фылдæр. Сæ хуыздæрты сын схорзæхджын кодтой кады гæххæттытæй. Уыдон Битарты Маринæ, Бутаты Эльзæ, Бзыккаты Земфирæ, Дедегкаты Зæлинæ æмæ æндæртæ. Уымæй уæлдай ма, æппæты кадджындæр хæрзиуæг - Ирыстоны намысы майдан радтой газеты сæрмагонд уацхæссæг Касаты Барисæн. Рауагъды тираж 7 -мин экземплярмæ хæстæг. Газет цæуы къуыри 5 хатты. Зæгъæн ис, æмæ «Рæстдзинад» ирон æвзагыл дзыллон информацион фæрæзты хсæн уæлдай бынат ахсы. У сæ уарзондæр. Кæсынц æй алы кары адæм. Æртын азæй фылдæр газеты разамонæг уыд Хъаныхъуаты Владимир. Ныртæккæ уыцы хæстæ бæрнонæй æххæст кæны Битарты Маринæ. «Рæстдзинады» кусджытæ сæ кæсджытыл сты æнувыд. Æмæ сын пайдайга чи у, ахæм æрмæджытыл кусынц. Газеты сыфтыл фенæн ис æнæниздзинад хъахъхъæнын, ахуырад, наукæ, культурæ æмæ æндæр ахсджиаг фарстатыл æрмæджытæ. 95 азы юбилеймæ дæр цæттæ кодтой зæрдиагæй. Ахæм фæндтимæ газеты редакци размæ тырны. Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Рæстдзинады равзæрд, йæ райгуырды нысан, агуырын хъæуы адæмы зæрдæты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Фарнхæссæг газет

Категория:

Новости и СМИ