Сæйрагдæр — æдасдзинад
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы уылæфæн бынæтты батуттæ цы уавæры сты, уый. Фыццаджыдæр уыдысты сывæллæтты комплексы. Æхсæнадон уæнгтæ разыйæ баззадысты конструкциты хуызæй. Æппæт хъæугæ домæнтæн дзуапп дæттынц. Ацы ран басгæрстытæ арæх фæцæуынц. Дыккаг бынаты та бархионтæм сæвзæрд фæрстытæ. Баттуты цы хызтæ уыронмынц уыдон дзæбæх фидаргонд не `сты. Ацы центр æрæджы байгом. Æппæт хъæугæ гæххæтытæ сæм ис, фæлæ сæ цæстарæн уагдæттæй нырма ничи бабæрæг кодта. Комплексы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æппæт уайдзæфтæм дæр сæ цæст æрдардзысты. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнг Тезиаты Тамураз куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы мадзæлттæ сты хъæугæ æмæ пайда. Центрты сæйраг нысан у адæмы æдасдзинад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæйрагдæр — æдасдзинад
Категория:
Новости и СМИ