Дзæуджыхъæуы иувæрсты фæндаджы арæзтад фæнд кæнынц 2026 азы фæуын

Иувæрсты фæндаджы райдайæн ис Архонкæмæ фæндагыл. Куы йыл ацæуай, уæд 15 минутмæ Мæскуыйы сосамæ схæццæ уыдзынæ, Дзæуджыхъæумæ ма бахизгæйæ. Фынддæс километры, цыппар тæлмы, алкæцыйы уæрх дæр сæ — æртæ æмæ æрдæг метры. Цæгат Кавказы федералон зылды сахарты ныры онг, Дзæуджыхъæу едтæмæ, иууылдæр иувæрсты фæндæгтæ уыд. Мах æй æртæ азы размæ райдыдтам аразын. Объекты цæттæдзинад у 70%. Ныртæккæ кусджытæ бавнæлдтой хид нывыл саразынмæ. Егъау проктæн рахай кодтой 13 миллиард сомы. Уæлдай æргом аздæхтой экологимæ. Сыгъдæггæнæн арæзтытæ фæндагыл ис аст раны. Уыдон дон сыгъдæг кæндзысты цæугæдæттæм бахауыны размæ. Иувæрсты фæндаджы арæзтад адих кодтой æртæ хайыл. Ныртæккæ дыккагмæ бахæццæ сты. Асфальт æмæ бетоны æртæ цъары 'хсæн æвæрынц сæрмагонд хызтæ. Инженерон проект ныртæккæ Мæскуыйы экспертизæйы ис æмæ йæм чысыл ивддзинæдтæ бахастой. Абоны онг къухы цы куыстытæ бафтыд, уыдон цæсты ахадынц. Ныртæккæ бавнæлдтой æфсæйнаг æмæ бетонæй куыстытæм. Иувæрсты фæндагыл иу сæ балц ракæндзысты иннæ регионтæм цæуджытæ. Дзæуджыхъæуы уынгтыл та хæдтулгæты нымæц фæкъаддæр уыдзæн. Объекты æрвылбон фæллой кæнынц 25 адæймаджы. Архайынц техникæйы 7 иуæджы æххуысæй. Иувæрсты фæндаджы арæзтад хъуамæ фæуа 2026 азы. Дзæдзойты Фатимæ, Калманты Зæлинæ, Хъæбæлоты Дианæ Ирыстоны хабæрттæ

Иконка канала IRYSTONTV
1 457 подписчиков
12+
11 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии