Хатдзæгтæ скодтой
Терроризмы ныхмæ къамис æмæ Оперативон штабæн уыд радон æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта Битарты Вячеслав. Куыд загъта, афтæмæй адæм æмæ уæзласæн хæдтулгæты арæны сæрты ахизыны фарстатæ хъуамæ нæ республикæйы экологон уавæрыл æвзæрмæ ма ахадой. Æмбырды архайджытæ нырыккон оперативон уавæрмæ лæмбынæгæй æркастысты æмæ йын скодтой хатдзæгтæ. Уæзласæн хæдтулгæтæй транзитон хуызы нæ республикæйыл чи цæуы æмæ сын арæны сæрты ахизыны фадат куы нæ вæййы, уæд сæмбырд вæййынц алы рæтты. Афтæмæй та сын ис сæрмагонд лæууæн бынæттæ. Шофырты ахæм хъæппæрис талынг рæстæг æмæ бырынцъаг фæндæгтыл, гæнæн ис, æмæ расайа тæссаг уавæрмæ. Уыимæ ма, сæ фæстæ ныууадзынц быроны кæритæ. Се ссыгъдæг кæныны хæс æрæнцайы Горæтгæроны администрацийыл. Битарты Вячеслав фæбæрæг кодта, нæ республикæйы мидхъуыддæгты министрад ацы аиппмæ `ркæсынæн хъуамæ ахадгæ мадзæлттæ кæй араза. Уæлдайдæр уый тыххæй, æмæ цæстдарæн-уадзæн пункт Уæллаг Ларсы цалцæггæнæн куыстытæ 2020-æм азы кæй райдайдзысты. Уымæ гæсгæ та фарстайыл æнæмæнг бацархайын хъæуы хæстæгдæр рæстæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хатдзæгтæ скодтой
Категория:
Новости и СМИ