Æрыдоны районы цæрджытæ æххуыс кæныц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн
Цалынмæ нæ æфсæддонтæ фæрсæй-фæрстæм тохы раззагдæр бынæтты лæууынц, уæдмæ ам, хæдзары, мах хъуамæ сæ уавæртæ фæхуыздæр кæныныл архайæм. Æрыдоны культурæйы галуаны сфæлдыстадон къорды архайджытæ фæсивæдæн бийынц хъарм цъындатæ æмæ æмбæхсæн хызтæ. Куы сæ æрвитынц, уæд сын семæ сæвæрынц цонгдарæнтæ ныфсыдгттӕг ныхæстимæ. Акци расидтысты сæрды райдайæны æмæ дзы бонæй-бонмæ фылдæр адæм архайы. Афтæ, зарджытæ æмæ хæлар зæрдæйы ахастимæ æрыдойнæгтæ архайынц тохы раззагдæр бынæтты чи ис, уыдонæн баххуыс кæныныл —сæ бон куыд у æмæ цæмæй у, уымæй. Ацы сылгоймæгтæ сты культурæйы галуаны "Диссæгтæ нæ алыварс" клубы архайджытæ. Иууылдæр къухми кæнынц. Акци расидтысты сæрды райдианы. Сфæнд кодтой нæ хæстонтæн хъарм уæлæдарæс сбийын æмæ бахуыйын. Уадз, æмæ йæ зоной, уым иунæг кæй не сты, зæгъгæ. Тæбын аразынц къуымбилæй. Уыцы иу рæстæг æлвисгæ дæр ам кæнынц. Æмæ кæд æлвисын чи зоны, ахæм сылгоймæгтæ районы бирæ нал ис, уæддæр сæ дæсныйадыл æрыгæтты ахуыр кæнынц. Акци сфæнд кодтой фæуæрæхдæр кæнын. Фронтмæ райдыдтой æрвитын æмбæхсæн хызтæ дæр. Ам ма нæ æфсæддонтæн аразынц цонгдарæнтæ. Ныффыссынц сыл хъару æмæ ныфсдæттæг ныхæстæ. Æмæ уыдон дæр сæрмагонд æфсæддон операцийы бынатмæ арвитынц. Хи къухтæй конд алы дзаумайы дæр — уарзондзинад æмæ зæрдæйы хъарм. Æмæ уый тыххæй нæ фæсивæдæн дæр уæлдай зынаргъ сты.