Тохсырты Владимирæн йæ ныййарджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг фæмардысты
Тохсырты Владимирæн йæ ныййарджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг фæмардысты
Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ хъæлдзæг сабидуг кæмæн байста, уыцы фæлтæрæй у Тохсырты Владимир. Нæ бавзæрста фыды рæвдыд, нӕ хъуыды кæны йæ мады адджын хъæбыс æмæ йæ фæлмæн хъæлæс. Фæлæ йæ зындзинæдтæ нæ асастой. Сæ фыдæнæн сси ноджы цардуарзагдæр æмæ зæрдæхæлардæр. Абон Тохсырты Владимир у историон наукæты кандидат, Цæгат Ирыстоны сгуыхт юрист, Уæлдæр аттестацион къамисы доцент, Экологон æдасдзинады академийы уæнг-уацхæссæг, Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты юридикон факультеты деканы хæдивæг, кадджын профессор. Бирæ азты æнæаипп службæйы тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд 50 хаттæй фылдæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уæд Тохсырты Владимир нырма æнахъом саби уыд. Йæ фыд Гатæ уыд хæстон афицер, райгуырæн бæстæ йæ фырттæм тохы быдырмæ куы фæсидт, уæд уый дæр æрлæууыд фыццæгты рæнхъы. Хӕцыд, Кубаны сæрыл цы карз тохтæ цыд, уым. Фæлæ 1942-æм азы æбæрæгæй фесæфт. Фæстаг хатт дзы бинонтæ фыстæг куы райстой, уæд уыд Армавиры, фæлæ ныгæд кæм æрцыд, уый йæ фырт абон дæр нæ зоны. Сидзæры хъысмæты фæлварæнтæ Владимир кæрæй-кæронмæ бавзæрста. Нæ зоны фыды рæвдыд, мады фæлмæн къухты хъарм. Уырысхан йе 'фсымæры хъæбулты хъомылады хъуыддагмæ бæстонæй æркаст. Сæ удыхъæды сын бавæрдта æнæфæцудгæ фидардзинады бындур. Црауы астæуккаг скъола каст куы фæци Владимир, уæд йæ ахуыр адарддæр кодта Литвайы горæт Ка́унасы - Советон Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд скъолайы. Уым Владимир тох кодта экономикон бархæлдтимæ. Бирæ азты дæргъы фæкуыста æппæты ахсджиагдæр хъуыддæгты фæдыл хистæр слестгæнæгæй, оперативон куысты хайады хицауы хæдивæгæй, слестгæнæн хайады хицауæй, уый фæстæ фæдагуырд, иртæст æмæ оперативон-агурæн куыстмæ цæстдарды прокурорæй. Тохсырты Владимир институты амоны 5 дисциплинæйы. Ныффыста 8 ахуырадон-методикон фæрæзы, 3 монографийы æмæ ныммыхуыр кодта 50 наукон кустæй фылдæр. Æрмæст йæ паддзахадон, партион æмæ хицауады хæрзиуджытæ 16 сты. Се 'хсæн - Советон Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады æнæаипп службæйы тыххæй III, II æмæ I къæпхæнты ордентæ, «Ирыстоны намысæн» æмæ «Ахуырадæн лæггады» майдантæ. Хæст æвирхъау бæллæхтæ кæмæн æрхаста, уыцы адæймаг абон хайджын у, цард рæсугъд æмæ амондджын цæмæйдæриддæр у, уыцы хæрзтæй. Йæ хæдзарæй хъуысы цины хъæлæба æмæ сабиты хъæлæстæ. Йæ кæстæртæ - чызг æмæ лæппу - сты медицинон наукæты кандидаттæ. Тохсырты Владимирыл цæуы 84 азы, фæлæ, йæ кар нæ хынцгæйæ, у уæнгрог æмæ цардуарзæг адæймаг. Нæ зæрдæ ма йын зæгъы бирæ азты дæргъы æнæниз æмæ зæрдæрухс цæрд.