Рох не сты
Æгас Уæрæсейы мысынц хъазахъхъæгты геноциды амæттæгты. 100 азы размæ 24-æм январы бафыстой бадзырд бонджын хъазахъхъæгты ныццæгъдыны тыххæй. Бон раздæр Адæмты хæлардзинады республикон хæдзары æрæмысыдысты уыцы цауты амæттæгты. Мадзалы архайдтой республикæйы хъазахъхъæгты минæвæрттæ, историктæ, бæстæзонджытæ æмæ Суворовы номыл училищæйы студенттæ. Изæр райдыдта амæттæгты номыл аргъуаны службæйæ. Уый фæстæ видеойы руаджы сарæзтой бастдзинад Уæрæсейы æмæ Фæсарæнты хъазахъхъæгты цæдисы сæйраг атаманимæ. Уымæй уæлдай ма æмбырды архайджытæн равдыстой документалон киноныв «Казачий крест», зæгъгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Рох не сты
Категория:
Новости и СМИ