Хъæугæ мадзæлттæ
Владимир Путины уынаффæмæ гæсгæ Гуырдзыстонмæ уæлдæфон транспорт рæстæгмæ нал тæхдзæн. Æмбæлгæ гæххæтт нæ бæстæйы Президент бафыста 21 июны адæмы æдасдзинады тыххæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм ацы бонты Тбилисийы кæй ис змæстытæ. Адæм домынц Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министры йæ бартæй суæгъд кæнын. Митингты тыххæй йæ куыст ныууагъта Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Кобахидзе. Змæстытæ райдыдтой Гуырдзыстномæ Уæрæсейы Паддзахадон думæйы минæвæрттæ куы ссыдысты, уый фæстæ. Владимир Путин цы гæххæтт бафыста, уый фенæн ис Кремлы официалон сайты. Президенты уынаффæмæ гæсгæ, 8 июлæй нæ бæстæйы цæрджытæн уæлдæфон транспортæй Гуырдзыстонмæ ацæуыны бар нæ уыдзæн. Уымæй уæлдай ма, Владимир Путины туристон оператортæн бауынаффæ кодта,цæмæй путевкæтæ Гуырдзыстонмæ ма уæй кæной. Хицауадæн та радта ахæм хæслæвæрд: Гуырдзыстонæй уæрæсейæгты æнæфыдбылызæй 8 июльмæ сæ райгуырæн бæстæмæ куыд æрыздæхой. Æмæ ма абон куыд рабæрæг, афтæмæй Тбилисийы змæстыты рæстæг телеканал «Россия 24»-йы сфæлдыстадон къорды уæнгтæ хъыгдард бæййæфтой. Се`нæниздзинадæн тæссаг ницы у, фæлæ сын митинджы архайджытæ сæ кусæнгæрзтæ байсынмæ хъавыдысты. Сæ фарс чи рахæца уæрæсейаг журналисстæн, ахæмтæ разынд, æмæ уыдоны руаджы æнæфыдбылызæй баззадысты не `мкусджытæ. Æмæ ма уын зæгъдзыстæм, арвыкомы фæндаг кæй кусы фæткмæ гæсгæ. Арæнхъахъхъæнджыты управленийы пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй уадзæн пункт Уæллаг Ларсы хæдтулгæтæй цæнттæ нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæугæ мадзæлттæ
Категория:
Новости и СМИ