Беслæны Плиты Иссæйы номыл 7 хæдзары цæрджытæ хъаст кæнынц сæ хæдзары сæр кæй тæдзы, уымæй
Томайты Шамил куыд радзырдта, афтæмæй къул æппынæдзух хъæуы цалцæг кæнын. Хæдзары цар кæй тæдзы, уый аххосæй чысыл къæвдайы рæстæг дæр фатер донæй байдзаг вæййы. Æвзæр тæф, уымæлад æмæ хъуына. Ахæм уавæрты адæм цæрынц ныр афæдзгæйттæ. Сæ цартыл сæрмагонд æрмæг ивæзт кæмæн ис, уыдоны уавæр гыццыл хуызджр у, иннæтæн та царæй æппæындзух цары сæрсты згълæнтæ кæлынц. Рубероид дæр уавæр фæивæнæн нæ баххуыс. Ацы хæдзары цар ахæм хуызы ныр 10 азы ис. Æвзæры 'рдæм ма йыл сахадыдта дыууæ азы размæ цы тыхджын дымгæ æрцыд, уый. Æххуысы фæдыл курдиæттæ цæрджытæ фыстой районы администрацимæ. Дзуапп райстой. Куыд рабæрæг, афтæмæй хæдзар бындурон цалцæджы фæдыл рады лæууы 2027-æм азы. Уæд цæрджытæ фæсидтысты прокуратурæмæ. Фæлæ уый дæр хатдзæгтæ нæ радта. Рахизфарсы районы адимнистрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Куыдзаты Сослан нын куыд радзырдта, афтæмæй цæрджытæ бындурон цалцæгæн фиддонтæ нæ фидынц. Лæггæдтæн фидынц сæ 3,2%. Администрацийы куыд фæнысан кодтой, афæтмæй хæдзæр цалцæггæнинаг æнæмæнг у. Фæлæ цæмæй куыстытæ райдайой, уый тыххæй хъуамæ сæ фиддонты бæрц хъуамæ æппынкъаддæр уа 80%.