Парламенты æмбырд
Фæлхасгæнджыты барты хъахъхъæнынад, фармацевтикон дуканиты æдасдзинад, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæн льготæтæ æмæ букмекерон компанитæ ивар кæныны фæтк. Уыцы фарстатыл радон æмбырды æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны парламенты уæнгтæ. Ныр букмекертæ спорты райрæзтмæ се `вæрæн куы нæ бахæссой, уæд сæ 30 милуан сомы бæрц ивар кæндзысты. Медицинон хосты зилдухы уагæвæрд дæр фæкарздæр. Закъоны сæрты чи ахиза, уыдоны æфхæрдзысты ивары хуызы, кæнæ та сын сæ куыст 90 бонмæ фæуромдзысты. Мониторинджы хатдзæгтæм гæсгæ, интернеты ис, тыхджын хостæ æнæзакъонæй кæм уæй кæнынц, ахæм 700 сайтæй фылдæр. Советы уæнгтæ дыууæ хъæппæрисыл дæр уыдысты иузæрдион. Чи рахицæн, уыцы бинойнæгтæн ныр федералон закъонмæ гæсгæ ис социалон æххуырстады хицæн бадзырдтæ бафыссыны бар. Хæрзхъæд чи нæу, кæнæ йæ рæстæджы æмгъуыд кæмæн фæци, ахæм хойрæгтæ уæйгæнджытæн та сæ продукци исдзысты. Бадзырд хъуамæ адæмы æнæниздзинад æмæ æдасдзинадæн фæахъаз уа. Бæрнон кусджытæ æркастысты республикон закъоны проект «О статусе горных территорий», зæгъгæ, уымæ. Депутатты хъуыдымæ гæсгæ уыцы закъон йæ тыхы нал ис, уымæй уæлдай ма федералон закъонæвæрдимæ быцæу кæны. Æдæппæтæй парламенты æмбырды æрныхас кодтой 28 фарстайыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Парламенты æмбырд
Категория:
Новости и СМИ