Цæгат Ирыстоны "Ладæ"-йыл æнувыд адæмы нымæц фæфылдæр
Нæ республикæ бахауд, LADA хæдтулгæтæ Уæрæсейы регионты æппæты фылдæр кæм уарзынц, уыцы 10 регионы номхыгъдмæ. Уыимæ Цæгат Ирыстон ис 4-æм бынаты. Аналитикон агентад «АВТОСТАТ»-ы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 2019-æм азы 5 мæйы хатдзæгтæм кæсгæйæ, хæдтулгæты хсæн LADA-ты бæрц у 49,4%. Фыццаг бынаты та ис Дагестан. Уым тольяттиаг маркæ сæ уарзондæр у адæмы 56%-æн. Дыккаг бынаты та ис Хъалмыхъ. Æртыккаджы -Кæсæг-Балхъар. Дарддæр цæуынц Тыва, Чуваши, Хъæрæсе-Черкеси, Мæхъæл, Удмурти æмæ Самарæйы облæст. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ æмткæй райсгæйæ Уæрæсейы маркæ LADA-йы хай иннæ хæдтулгæты хсæн ахсы 22,6%. Кæм ыл не `рвæссынц, уый - тæккæ егъаудæр горæтты. Зæгъæм, Мæскуыйы тольяттийаг брендæй пайда кæнынц æрмæстдæр 5%. Санкт-Петербурджы та - 10%-æй чысыл фылдæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны "Ладæ"-йыл æнувыд адæмы нымæц фæфылдæр
Категория:
Новости и СМИ