Сунжæйы скъола æмæ сывæллæтты рæвдауæндон къæвдайы рæстæг донæй байдзаг вæййынц
Ахæм уавæры вæййы Сунжæйы рæвдауæндон алы къæвдайы фæстæ дæр. Фыццаг уæладзыг донæй байдзаг вæййы. Æддæмæ йæ бахъæуы къустæй калын. Уый фæстæ та бæрзонд уымæлад æмæ хъуына. Æмæ ахæм фадæтты æрвылбон вæййынц чысыл сабитæ. Рæвдауæндоны хъомылгæнджытæ сæ хæстæй уæлдай æххæст кæнынц цалцæггæнæн куыстытæ дæр. Сæхи тыхтæй ныссыгъдæг кæнынц цартæ, къултæ. Фæлæ та сын сæ архайд радон къæвда ахæссы. Рæвдауæндоны комкоммæ ис скъола. Ахуыр дзы кæны 270 сывæллонæй фылдæр. Фæлæ æрмæст 9-æм къласы онг, сæ уавæртæ нæ амонынц, цæмæй æнахъомтæ 11-æм къласы онг ам ахуыр кæной. Бæстыхай сарæзтой 70 азы размæ. Æмæ кæд бындуронæй цалцæггонд фарон уыд, уæддæр бæстыхай алы къæвдайы фæстæ дæр фæстæмæ донæй байдзаг вæййы. Бæстыхайы ныккæнд æмæ къултæ æппынæдзух сты уымæл. Фарон ныккæнды сæвæрдтой донцъирæн, фæлæ доны æлхъывдадæн нæ бафæрæзта æмæ басыгъд. Ныр сæ хъæуы ног донцъирæн балхæнын. Æппæтæй фылдæр дон бакæлы хæрæндон æмæ райдаин скъолайы бæстыхаймæ. Арæх сывæллæттæн сæ къласæй хæрæндонмæ бацæуæн дæр нæ вæййы, дон æмæ цъыфы аххосæй. Цæрджытæ иу æмæ дыууæ хатты сæ хъаст нæ бахастой бæрнон куыстуæттæм. Фæлæ уавæр ныры онг дæр нæма аивта. Уæвгæ, скъолайы лыггæнинаг фарстатæ бирæ ис. Фарон сæрд, скъолайы заууат уавæртæ хынцгæйæ дзы нæ уыд сæрдыгон лагерь дæр. Уавæр афтæ рауайдзæн, уый иууылдæр æмбæрстой, зæгъы скъолайы директор. Цæрджыты фæнды, цæмæй хъæуы фæзына ног скъола, кæнæ та ацы ахуыргæнæндонмæ бæстонæй базилой, аиуварс кæной æппæт лыггæнинаг фарстатæ дæр.