Сергей Меняйло амыдта хицауады радон аппаратон æмбырд

Зынгсирвæзтытæй тæссаг рæстæгмæ цæттæ уæвын. Ахæм хæс Сергей Меняйло сæвæрдта дзуапдæттæг ведомствоты размæ. Ныридæгæн цалдæр хатты сыгъд хус кæрдæг. Уымæ гæсгæ хъæуы профилактикон куыст кæнын. Аппаратон æмбырды Таматы Майрæн бахаста хъæппæрис хъармгæнæн сезон 10-æм апрелы фæуын. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры ныхæстæм гæсгæ, хæстæгдæр бонты республикæйы уыдзæн 15 градусы хъарм. Сергей Меняйло районты разамонджытæн бабар кодта хъппæрисмæ æркæсын. Ахсджиаг у раст уынаффæ раххæсын, цæмæй артаг дæр уæлдай сыгъд ма цæуа, стæй цæрджытæ дæр ма батыхсой. Сергей Меняйломæ раст нæ кæсы, республикæйы уый бæрц уæзласæн хæдтулгæтæ кæй сæмбырд, уый. Мидхъуыддæгты министрад, транспорт æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитетæн бабар кодта уæзласæн хæдтулгæтæ регионмæ уадзын æрмæст æрлæууæнты бынæттæ куы уа, уæд. Афтæмæй, Цæгат Ирыстонмæ цас транспорт цæуы, уый нымад цæудзæн. Уæзласæн хæдтулгæтæ та хъуамæ лæууой æрмæст сæрмагонд бынæтты, - загъта Сергей Меняйло. Ноджы ма иу вазыгджын хæслæвæрд - бæрнон кусджыты фембæлдтæ цæрджытимæ. Æрмæст административон центрты нæ, фæлæ чысыл хъæуты дæр. Сергей Меняйлойы хъуыдымæ гæсгæ, бинонты бирæвæрсыг центртæ та хъуамæ гом кæной æппæт районты дæр. Алыбегты Эллæ та куыд радзырдта, афтæмæй абон Цæгат Ирыстоны исын райдыдтой гæххæттытæ фыццæгæм кълæстæм. Бадæттæн сæ ис паддзахадон лæггæдты порталы уылты дæр. Ахуырад æмæ наукæйы министры ныхæстæм гæсгæ, ацы аз нæ республикæйы скъолатæ æнхъæлмæ кæсынц 9 мин 300 фыццагкъласонмæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 456 подписчиков
12+
16 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии