Ахæм хабæрттæ // 15 июня 2019
Цы нæ байтауай, уый дæр æркæрддзынæ. Дзæуджыхъæуы фæсивæд рацыдысты амброзийы быдыртæ куынæг кæнынмæ. Абон уыцы куыстытæ бакодтой Олимпаг парчы. Бахастой ма пайдайаг хъæппæрис дæр. Баскетбол, волейбол æмæ ма бирæ æндæр спортивон хъæзтытæй абон сфидыдтой горæты уынгтæ. Фæсивæд рацыдысты æмæ ахæм æгъдауæй сбæрæг кодтой сæ фæлладуадзæн бон. Кæм цы уыдис, уый зоны нæ уацхæссæг дæр. Табу дын кæндзыстæм æмæ ныл рæстмæ ахад. Цъæйы комы абон уыдис Рекомы бæрæгбон. Бынатмæ сæмбæлдысты, йæхи уæлæрвтыл бафæдзæхсын кæй бафæндыд, уыдон иууылдæр. Мигъты бынæй - нæ уацхæссæджы æрмæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 15 июня 2019
Категория:
Новости и СМИ