Къæрцхъусдæр ут!
Газы ифтонггæрзтæй раст куыд пайда кæнын хъæуы? Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ сарæзтой радон рейд. Йæ сæйраг нысан - горæты цæрджыты фыдбылызæй бахизын. Специалисттæ æмбарын кодтой адæмæн, цæмæй æдасдзинады техникæмæ куыдфæндыйы цæстæй ма кæсой. Статистикæмæ гæсгæ, афæдзмæ зынгсивæрзтытæ æмæ фыдбылызтæ арæхдæр хъармгæнæн рæстæджы `рцæуынц. Уымæн й` аххосаг у, адæм газы гæрзтæй æмæ пецтæй раст кæй нæ пайда кæнынц, уый. Æнæнхъæлæджы цауты министрады кусджытæ уæлдай цæст æрдардтой бирæсывæллонджын бинонтæм, хистæр кары æмæ, иунæгæй чи цæры, уыцы адæммæ. Ахæм рейдтæ Дзæуджыхъæуы арæзт цæуынц æрвылбон. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Къæрцхъусдæр ут!
Категория:
Новости и СМИ