Йæ цардæй ахицæн Уртаты Аслан
«Проспекты хъахъхъæнæг» афтæ фæлмæнæй хуыдтой горæты цæрджытæ Уртаты Асланы. Абон йæ цардæй ахицæн. Йе ’нæниздзинад уыд цудыд, уæлдайдæр фæстаг рæстæг арæх кодта рынчынтæ. Сабырдзинады проспекты хæдахуыр музыканты æгæрон уарзтæй уарзтой сывæллонæй райдай æмæ суанг хистæр кары адæм дæр. Проспекты фидауц, гом арвы бын 20 азæй фылдæр адæмы зæрдæтæ рухс кодта йæ курдиатæй. Йæ хорз зæрдæйы ахастдзинад йæхиуыл чи нæ банкъардта, ахæмтæ æвæццæгæн стæмтæ разындзæн. Мысайнаг ын куы ныууагътой уæд-иу, æнæмæнг, сыстад, бузныджы охыл. Граждайнаг хæсты Таджикистаны Асланæн йæ бинонтæ бацарæвтыд сты, йæхæдæг та уæззау цæфтæ райста. 90 -æм азтæй Асланы стырдæр бæллиц уыд йæ йæ гæххæттытæ сног кæнын æмæ райгуырæн бæстæмæ сыздæхын. Ныртæккæ социалон хызæгты расидтысты Асланæн цыртдзæвæн сæвæрын, адæмы иу кæм хъæлдзæг кодта, уым. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Йæ цардæй ахицæн Уртаты Аслан
Категория:
Новости и СМИ