Бирæ нал баззад
Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæн 50 базары, заз бæлæстæ кæм уæй кæндзысты, ахæмтæ. Сласдзысты сæ Саратовы, Самарæйы, Ульяновскы облæсттæй. Стæй ма Канадæйæ дæр. Уымæй уæлдай ма Дзæуджыхъæуы байгом уыдзысты ног азы бæрæгбоны армукъатæ. Уым та балхæнæн уыдзæн алыхуызон хъазæнтæ. Горæты администрацийы курдиатмæ гæсгæ заз бæлæсты аргъ фарон куыд уыд, афтæмæй баззайдзæн. Æппæты стырдæр фæз байгом уыдзæн Олимпаг парчы цур, Мæскуыйаг уынгыл æмæ Доваторы проспект 9 хæдзары раз. Уымæй уæлдай ма 15 декабры Хъесаты Астаны номыл уынджы байгом уыдзæн хойрæгты армукъа. Базартæ кусдзысты райсомы 8 сахатæй изæры аст сахатмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бирæ нал баззад
Категория:
Новости и СМИ