Бæстæйы бæрæг кæнынц уырыссаг æвзаджы æмæ зындгонд поэт Александр Пушкины райгуырæн бонтæ
Бæстæйы бæрæг кæнынц уырыссаг æвзаджы æмæ зындгонд поэт Александр Пушкины райгуырæн бонтæ
Абон нæ бæстæйы бæрæг кæнынц уырыссаг æвзаджы æмæ зындгонд поэт Александр Пушкины райгуырæн бонтæ. Бæрæгбоны фæдыл республикæйы цæрджытæн арфæ ракодта Сергей Меняйло дæр. Сæргълæууæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй æвзаг у информацихæссæг фæрæз, алыхуызон æнкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ æвдисæг. Æвзаг у нæ иумæйаг культурæ, истори. Сæйрагдæр та уый у, æмæ æнгом кæны Уæрæсейы цы бирæ адæмыхæттытæ цæры, уыдоны. Æвзаджы руаджы зонæм бæстæйы хъæздыгдзинад, стæм хъæддых паддзахад. Бæрæгбон ацыд Дзæуджыхъæуы дæр. Номдзыд поэты цыртдзæвæны цур æрæмбырд сты фысджыты цæдисы уæнгтæ, скъоладзаутæ, студенттæ. Мадзал архайджытæ æрымысыдысты номдзыд поэты цард æмæ сфæлдыстадон фæндаг. Бакастысты йын йæ æмдзæвгæтæ.