Тускъаты Таймураз разамынд лæвæрдта хицауады радон æмбырдæн
2019-2021-æм азмæ республикон бюджеты тыххæй дзырдтой хицауады æмбырды, разамынд ын лæвæрдта йæ сæрдар Тускъаты Таймураз. Архайдтой дзы хицауады цæнгтæ æмæ министрадты минæвæрттæ. 176 милуаны фæфылдæр Уæрæсейы хицауады фæстауæрцгæнæн фонд. Уыдонæй фæрæзтæ рахай кæндзысты чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомады æххуысæн. Уыдоны хыгъды фермерон хæдзрæдтæ. Иумæйагæй æркастысты 20 фарстайæ фылдæрмæ. Æрдзырдтой сконды цы ивддзинæдтæ æрцыд, ууыл. Экономикон райрæзты министры хæдивæг сси Кочиты Сослан. Культурæйы министры хæдивæджы бартæ дарддæр æххæст кæндзæн Дудайты Чермен. Æмбырды дзырдтой адæмон сфæлдыстады фарстатыл. Архайджытæн разынд куриат, цæмæй сфидар кæной адæмон сфæлдыстады сгуыхт дæсныйы ном. Йæ фарс иууылдæр рахæцыдысты. Промышленность æмæ транспорты министр Хайдарбек Бутов ведомствойы куыстæн хатдзæгтæ скодта. Уый тыххæй радзырдта йæ сæрмагонд доклады. Уæлдай æргом аздæхта республикæйы куыстуæттæн цы æмбæлгæ ææхуыс кæнынц, уымæ. Афтæмæй æппæты ахадгæ æвæрæн кæдæм бахастой, уыцы куыстуат сси Æрæфы хуыйæн фабрикæ. Æрæджы Дзæуджыхъæуы байгом кодтой филиал. Афтæмæй дзы фæзынд 20 куысты бынаты. Тускъаты Таймураз куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй уыцы куыстуæтты архайдмæ хъæуы лæмбынæг цæстдард. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тускъаты Таймураз разамынд лæвæрдта хицауады радон æмбырдæн
Категория:
Новости и СМИ