СФÆЛДЫСТАДОН АКЦИ
Дзæуджыхъæуы райдыта «Мои идеи - твое воплощение», зæгъгæ акци. Сæрмагонд лабораторийы йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у уыдонæн фадат уыдзæн сæ сфæлдыстадон хъуыдытæ цардмæ рауадзын. Ацы хъуыддаджы сын баххуыс кæндзысты бархионтæ, ахуыргæнджытæ æмæ психологтæ. Цæгат Кавказы ахæм лаборатори фыццаг у. Сарæзтой йæ Анастасия Проворотовайы хъæппæрисæй. ацы чызгæн йе нæниздзинад хъыгдард у фæлæ дыууæ азы размæ чызг сарæзта йæхи къабаты коллекци. Уæд сфæнд кодта æндæр йæхи хуызæн фæсивæдæн баххуыс кæнын. Проекты ныридæгæн 15 адæймаджы архайынц. Уыдон æрхъуыды кæндзысты уæлæдарæсы эскизтæ, кæндзысты ныв уымæй уæлдай ма зарджытæ дæр фыссдзысты. Сæ куысты хатдзæгтæ акцийы архайджытæ фæнд кæнынц æппæтуæрæсеон инклюзивон форум "Без границ" мæ арвитын. Æркаст арæзт уыдзæн Тæмисчъы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
СФÆЛДЫСТАДОН АКЦИ
Категория:
Новости и СМИ