Æппæтуæрæсеон адæмон фронты æрфарст
«С чего начинается Родина», зæгъгæ, проекты фæлгæты Æппæтуæрæсейон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ сарæзтой онлайн-æрфарст. Мадзалы архайдтой республикæйы районты цæрджытæ. Проекты сæйраг нысан - республикæйы районтæ æмæ горæттæн символикæ равзарын. Ахæм хуызы фæнд кæнынц туристты ргом Цæгат Ирыстонмæ раздахын. Æрфарсты хатдзæгтæм гæсгæ, æппæты рæсугъддæр нысаныл банымадтой Дзæуджыхъæуы Сабырдзинады фæз. Дыккаг бынат Бацахста «Фатимæ»-йы цыртдзæвæн. Æртыккаг та Плиты Иссæйы. Мæздæджы районы сæйраг нысан та банымадтой районы цы стыр тулдз бæлас зайы, уый. Дыккаг бынат бацахста Дубиныны`фсымæрты номыл сквер. Цæрджытæ ма равзæрстой Сыгъдæг Георгийы Уæлахизхæссæджы цыртдзæвæн. Алагиры районы та, рæсугъддæр бынатыл банымадтой Хетæджы Къох æмæ Цъæй. Рахизфарсы районы цæрджытæ равзæстой номарæн уæлмæрд «Зæдты горæт» æмæ Беслæны фыццæгæм скъола. Уыимæ Тлаттаты Беслæны номыл цыртдзæвæн. Æрæфы районы сæ символыл банымадтой «Три сестры», зæгъгæ, æхсæрдзæн, национ парк «Алания» æмæ Цыколамæ æрбахизæн. Æмткæй уыдæттæ сбæлвырд кæныныл бакуыстой историктæ. Æрфарсты архайдтой 500 адæймаджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты æрфарст
Категория:
Новости и СМИ