Сергей Меняйло бабæрæг кодта сывæллæтты аивæдты скъола Алагиры
Абон ма, инспекцион балцы рæстæг Сергей Меняйло бабæрæг кодта сывæллæтты аивæдты скъола Алагиры. Бæстыхай сцалцæг кодтой бындуронæй. Баивтой йын йæ сæр, сног кодтой рудзгуытæ æмæ пъолтæ. Саив йе 'ддаг бакаст дæр. Куыстытæ баххæст кæнын къухы бафтыдысты нацпроект «Культура»-йы руаджы. Фæлæ, куыд рабӕрӕг, афтæмæй хыгъддон гæххæтыты нæ фæнысан кодтой зынгсирвæзты ныхмæ сигнализаци. Республикæйы сæргълæууæг ӕрдомта фарста æвæстиатæй аиуварс кæнын, уымæн æмæ ныхас цæуы сывæллæтты æдасдзинадыл. Арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константины ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн сарæзтой проектон-хыгъдон гæххæтытæ. Экспертизæ сын хъуамæ скӕной ацы къуырийы кæронмæ. Стæй уæд скъола сифтонг кæндзысты зынгсирвæзты ныхмæ нырыккон системæйӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv