Хъахъхъæнынады къабазы фарстаты фæдыл сæрмагонд æмбырд

Цæгат Ирыстон тарниз парахат кæм у, уыцы регионты хыгъды нал ис. Уый тыххæй фехъусын кодтой Тускъаты Таймуразы разамындæй сæрмагонд æмбырды рæстæг. Парламенты, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ, медицинон кусæндæтты разамонджытæ æрдзырдтой «Цæгат Ирыстоны тарниз парахат кæнын ма руадзыны» закъоны райрæзтыл. Ацы аз республикæйы фтизиатрон службæйыл æххæст кæны 100 азы. Йæ сæйраг хæс у дарддæр дæр хорз бæрæггæнæнтæ æвдисын, низ парахат кæнын ма 'руадзыны тыххæй æмбæлгæ мадзæлттæ аразын. Æмбырды архайджыты амынддзинадмæ гæсгæ, районы рынчындæттæ хъæуы медицинон кусæнгæрзтæй сифтонг кæнын, тарнизимæ тох кæнын фæдыл республикон программæтæ бацæттæ кæнын.

Иконка канала IRYSTONTV
1 458 подписчиков
12+
35 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии